Нысан сæххæст: УФ Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой егъау ракетон цæфы тыххæй Украинæйы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Гарзджын тыхтæ
Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады къуырисæры фехъусын кодтой, кæй фæцæф кодтой нысангонд объекттæ Украинæйы егъау цæфы фæстиуæгæн иттæг дырыс хæцæнгарзæй.
"Абон Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ егъау цæф фæкодтой иттæг дырыс ракетæтæй Украинæйы æфсæддон фæткдаруаты, бастдзинады æмæ энергетикæйы объекттæ. Цæфты нысан сæххæст кодтам", - загътой Хъахъхъæнынады министрады.
Афтæ ма иу суткæмæ УФ авиаци æрыппæрста Украинæйы уæлдæфон тыхты МиГ-29. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой æхсæз æнæпилотон тæхæг аппараты, афтæ ма æрыппæрстой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ "HIMARS"-ы æхсæз сармадзаны æмæ æртæ ракетæ "HARM". Херсоны областы Высокое цæрæн пункты районы æрыппæрстой баллистикон ракетæ "Точка-У".
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 318 хӕдтӕхӕджы, 159 вертолеты, 2188 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 379 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5604 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 866 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3462 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6463 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0