Путин ауадздзӕн ӕмбырд Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы ӕдзухон уӕнгтимӕ

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæМӕскуы
Мӕскуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин къуырисӕры ауадздзӕн ӕмбырд Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы ӕдзухон уӕнгтимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
Сабаты Национ антитерраристон комитет (НАК) фехъусын кодта, Хъырымы хидыл 8 октябры райсом раджы кӕй ӕрцыд уӕзласӕн хӕдтулгӕйы срӕмыгъд, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн ссыгъдысты ӕфсӕнвӕндаджы составы авд цистернӕйы ӕртагимӕ. Ныккалдысты хиды хӕйттӕ. УФ Слестгӕнӕн комитеты развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн фӕмард сты ӕртӕ адӕймаджы.
Хуыцаубоны изӕры Путин фембӕлд Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕг Александр Бастрыкинимӕ, кӕцы йын радта хыгъдлӕвӕрд Хъырымы хиды срӕмыгъды фӕлыд фӕдагуырды тыххӕй.
Уый банысан кодта, теракт кӕй сарӕзтой Украинӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты минӕвӕртты ӕххуысӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0