Путин бартхъирӕн кодта Украинӕмӕ карз дзуаппӕй, теракттӕ куы адарддӕр кӕной, уӕд

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта, Уӕрӕсе кӕй дӕтдзӕн карз дзуапп, кӕд ӕмӕ украинӕйаг къухдариуӕгад адарддӕр кӕна теракттӕ аразын, уӕд, хъусын кӕны РИА Новости.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, Хъырымы хиды срӕмыгъды фӕстӕ кӕй лӕууы киеваг хицауад.
"Криминалистон ӕмӕ ӕндӕр экспертизӕты хатдзӕгтӕ, афтӕ ма оперативон информаци куыд амоны, афтӕмӕй 8 октябры срӕмыгъд у террористон акт. Теракт, кӕцы здӕхт уыд Уӕрӕсейы граждайнаг, тынг ахсджиаг инфраструктурӕ ныппыр=х кӕнынмӕ. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй теракты заказгӕнджытӕ, организатортӕ ӕмӕ ӕххӕстгӕнджытӕ сты украинӕйаг спецслужбӕтӕ", - банысан кодта Путин.
"Киев куы адарддӕр кӕны теракттӕ аразын Уӕрӕсейы территорийыл, Уӕд Мӕскуыйы дзуапп уыдзӕн карз", - загъта уӕрӕсейаг раздзог УФ Ӕдасдзинады советы рабадтыл къуырисӕры.
Владимир Путины ныхӕстӕм гӕсгӕ, киеваг режим хъавыд спырх кӕнын газы хӕтӕл "Турецкий поток", УӔС та ныридӕгӕн сарӕзта ӕртӕ теракты Курскаг АЭС-ы ныхмӕ.
Уӕрӕсейы лидер ма радзырдта украинайаг хицауады фӕндты тыххӕй газы хӕтӕл "Турецкий поток" спырх кӕныны фӕдыл.
"Киевы режим йӕ архайдтӕй йӕхи сӕвӕрдта ӕхсӕнадӕмон террористон баиугӕндтимӕ иу ӕмвӕзадыл. Ахӕм фыдракӕндтӕ махӕн нӕ бон нӕ уыд ӕнӕдзуппӕй ныууадзын", - банысан кодта Путин.
Уӕрӕсейы лидер фехъусын кодта, ӕфсӕдтӕ кӕй ныццавтой Украинӕйы энергетикӕ ӕмӕ ӕфсӕддон объекттӕ.
"Кӕд нӕ территорийыл дарддӕр дӕр бафӕлварой саразын теракттӕ, уӕд Уӕрӕсе ратдзӕн карз дзуапп, кӕцы ӕмсӕр уыдзӕн, цы тас ӕзарын кӕнынц, уымӕн", - бахахх кодта президент.
Работа бойцов ВС РФ в Харьковской области - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Уæрæсейаг æфсæдтæ ныддæрæн кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты колоннæ – видео
Ног хабӕртты лентӕ
0