Цхинвалы 2-ӕм скъолайы командӕ рамбылдта Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболӕй

© Photo : Батраз ХуриевЦхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ рамбылдта Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболӕй
Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ рамбылдта Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы командӕ рамбылдта Бежанты Зелимы цыппӕрӕм номарӕн турнир футболӕй. Турниры фӕлгӕтты финалон хъазтытӕ ацыдысты хуыцаубоны посёлок Дзауы, фехъусын кодта Sputnik районы спорты хайады гӕс Джиоты Алик.

"Ерыстӕ ӕрӕмбырд кодтой 13 командӕйы, фаронмӕ абаргӕйӕ сӕ нымӕц ацы аз зынгӕ фӕфылдӕр. Ирд конкурентон тохы рамбылдта дыккӕгӕм скъолайы къорд, дыккаг бынатыл ацыд Цхинвалы фыццӕгӕм скъола ӕмӕ ӕртыккаг призер та у фароны уӕлахиздзау - гимназ "Альбион", - загъта Джиоты Алик.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Бежанты Зелимы номарӕн турнир цӕуы ныр цыппӕрӕм аз фӕд-фӕдыл. Уый уыд уӕззау атлетикӕйӕ спорты мастер, йӕ спортивон карьерӕ куы балхынцъ кодта, уӕд ӕнӕвнӕлдта футболы тренерӕй кусынмӕ. 90-ӕм уӕззау ӕзты уый бирӕ сарӕзта спорты ацы хуызы размӕцыд ӕмӕ бахъахъхъӕнынӕн. Бежанты Зелим фӕмард автокатастрофӕйы 2019 азы.
© Photo : Батраз ХуриевЦхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ рамбылдта Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболӕй
Республиканский турнир имени Зелима Бежанова в поселке Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.10.2022
Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ рамбылдта Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0