Цыппар хъыгдардбаййафæджы æхсæз ФТЦ-ы: МХМ Хуссар Иры фæндæгтыл уавæрыл тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянТагъд æххуыс
Тагъд æххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд æхсæз фæндагон-транспортон цауы, авариты фæстиуæгæн бахъыгдард сты республикæйы цыппар цæрæджы. Уый тыххæй къуырисæры хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Афтæ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 260 фæткхалды.
"Æртæ шофыры скъæрдтой автотранспорт нозтджынæй. Уымæй дарддæр фæткхæлдты хсæн ис: транспорт æнæ бæлвырдгæнæн документтæй скъæрын – 59, светофоры сырх рухсыл аскъæрын – 27, транспортыл скъæрдта гоймаг, кæцымæ нæй бартæ скъæрынæн – 28", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, иу къуыримæ æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй милицийы кусджытæ бæрнмæ æрбаздахтой дыууæ адæймаджы. Республикæйы территорийыл уыцы период фыдракæндтæ регистрацигонд не рцыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0