Уæрæсе æмæ Беларусь бадзырдтой райтынг кæнын æфсæдты регионалон къорд

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæБелоруссийы Гарзджын тыхтæ
Белоруссийы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Белоруссийы президент Александр Лукашенко фехъусын кодта, кæй райтынг кæндзысты Уæрæсеимæ иумæ æфсæдты регионалон къорд, хъусын кæны РИА Новости.
Белоруссийы президенты ныхæстæм гæсгæ, ууыл бадзырдтой УФ сæргълæууæг Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы Санкт-Петербурджы Хæдбар паддзахæдты æмбалады æнæформалон саммиты фæстæ.

"Цæдисон паддзахады ныгуылæйнаг арæнтыл æндыгъд уавæр хынцгæйæ мах бадзырдтам райтынг кæнын Уæрæсейы Федераци æмæ Белоруссийы æфсæдты регионалон къорд. Уый арæзт æрцæудзæн документтæм гæсгæ", - фехъусын кодта Лукашенко.

Уый банысан кодта, ахæм архæйдтытæ арæзт цæуынц Цæдисон паддзахады ныгуылæйнаг арæнтыл æндыгъд уавæр хынцгæйæ.
"Æртхъирæны æмвæзад ныры хуызæн куы уа, уæд мах архайæм Цæдисон паддзахады æфсæдты къордæй. Ацы къорды бындур – æфсад, Республикæ Белоруссийы Гарзджын тыхтæ", - бахахх кодта Лукашенко.
Ног хабӕртты лентӕ
0