Æгъдауы таурæгътæ. Иунæджы кадæг

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Раджы, чи зоны, кæд æмæ кæд уыдис, иу хъæуы царди æмæ уыди Иунæг. Иу райсом сыстад Иунæг йæ хуыссæнуатæй æмæ дзуры йæ зæронд мадмæ: — О æна, фын дын федтон, фын, дысон, диссаджы фын. — Дæхи уал ахс, æна дæ сæрыл хаст æрбауа, æмæ мын æй уæд радзурдзынæ, — загъта йæ зæронд мад.
— Сагты рæгъау ралыгъдысты нæ хъæуыл; лæджы хуызæн лæгæй чи уыди хъæубæсты, уыдон фесты сæ фæдыл, фæлæ сæм ничи сарæхстис. Мæн дæр хæрз æрæджиау цыдæр фæдисы ауагъта. Адæм здæхтысты, худæгæй мыл мардысты. Сурынтæ систон сагты рæгъау, баййæфтон сæ, цæгъдынтæ сæ байдыдтон æмæ сæ иудадзыг дæр ныссæрфтон. Цагъды мæрдтау Терчы атагъайы адаргъ сты сæрджын саджы мæрдтæ. Мæ фæндаг сыл ракодтон фæстæмæ, сæ сыкъатæ сын æфтауын. Уыцы хуызæнæй, æппæты разæй цы саг афæлдæхтон мæ фатæй, уымæ æрбахæццæ дæн. Мæхи йæм фæфистæг кодтон, фæлæ мын сæрджын саг мæ артæнтæ срæхуыста йæ калм марæнæй. Уыйадыл райхъал дæн, мæ хид мæ къæхты бынæй акалди. Бирæ рацыд, чысыл рацыд рæстæг, чи у йæ зонæг, фæлæ та иу райсомраджы лæппу фын дзурынмæ хъавы йæ мадæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0