Хуссар Иры ПÆК фехъусын кодта арæнхалджыты нымæцы тыххæй 2022 азы

© Sputnik / Natalia AiriyanПаддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны алыхуызон фадгуытыл 2022 азы фараст мæймæ арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой 334 фæткхалæджы, хъусын кæны дыццæджы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, ПÆК Арæнгæрон службæ алкæцы цауы фæдыл дæр кæй ауагъта равзæрсттæ.
Уагдоны банысан кодтой, зæгъгæ, фæткхалджытæй 200 адæймаджы фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 134 та – арæнгæрон режим. Паддзахадон арæныл административон-барадон режимтæ фехæлджыты ныхмæ сæххæст кодтой административон мадзæлттæ.
"234 адæймаджы бафыстой административон ивартæ, æртæ адæймаджы феддæдуар кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийæ иварон санкциты фæстæ, 34 адæймаджы феддæдуар кодтой РХИ территорийæ æнæ иварон санкцитæй, ноджы ма 52 адæймаджы та бафæдзæхстой", - дзырдæуы хъусинаджы.
ПÆК бафтыдтой, зæгъгæ, 11 адæймаджы ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддæгтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0