Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой разысгарæн къорды офицер Джуссойты Альбертæн, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.
Дыццæджы сæдæгай адæм æрæмбырд сты микрорайон "Шанхай"-ы, цæмæй фæстаг хæрзбон зæгъой хæстонæн. Фыдохы митингмæ æрбацыдысты хицауады минæвæрттæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, парламенты депутаттæ, афтæ ма Хъахъхъæнынады министрад æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонтæ.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн
Похороны Альберта Джуссоева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой, Джуссойты Альберт кæй фæмард хъайтардзинад равдисгæйæ запорожаг здæхтыл. Уый йæ цард снывонд, цæмæй йе ‘мгæрттæ фервæзой.
Паддзахады сæргълæууæг равдта хъайтары бинонтæн майдан "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæгæн". Фыдохы митингы ма ралæууыдысты Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы минæвæрттæ.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн
Похороны Альберта Джуссоева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джуссойты Альбертæн
Ног хабӕртты лентӕ
0