Уæрæсейы ХМ фехъусын кодтой, кæй сæххæст кодтой Украинæйы ног цæфты нысæнттæ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ
Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. УФ Хъахъхъæнынады министрады (ХМ) фехъусын кодтой, дарддæр кæй æххæст кæнынц егъау цæфтæ Украинæйы энергетикæ æмæ æфсæддон фæткдаруаты объекттыл. Уагдоны куыд бахахх кодтой, афтæмæй нысæнттæ иууылдæр сæххæст кодтой.
"Абон Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ дарддæр æххæст кодтой егъау цæфтæ иттæг дырыс ракетæтæй цæфтæ Украинæйы энергетикæ æмæ æфсæддон фæткдаруаты объекттыл. Нысæнттæ иууылдæр сæххæст кодтам", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма иу суткæмæ скуынæг кодтой украинæйаг æфсæддон техникæйæн æртаг æвæрыны дыууæ æфтауцы Днепропетровск æмæ Павлоград горæтты районты, хæстæрмæджытæ æмæ ракетон-артиллерион хæцæнгарзы фондз æфтауцы.
УФ æфсæддон полигон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2022
Шойгу басгæрста, куыд цæуы мобилизацигонд адæмы цæттæкæнынад НӔЗ полигонтыл
Уымæй дарддæр уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой авд æнæпилотон тæхæг аппараты, сæ нымæцы "Свитчблэйд-600". Афтæ ма æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæ "HIMARS"-ы 15 сармадзаны æмæ æхсæз америкæйаг ракетæ "HARM".
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 318 хӕдтӕхӕджы, 160 вертолеты, 2195 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 379 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5639 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 868 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3462 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6483 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0