Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

25. СИХ ХАДЗЫ АБДИ ЭФФЕНДИЙЫ СÆФТ. КУЫНДЫХАТЫ МУССÆЙЫ СУСÆГВÆНДЫ МÆНГ ТАУРÆГЪ

25. СИХ ХАДЗЫ АБДИ ЭФФЕНДИЙЫ СÆФТ. КУЫНДЫХАТЫ МУССÆЙЫ СУСÆГВÆНДЫ МÆНГ ТАУРÆГЪ
Рафыссын
Махмуд фæфиппайдта, адæм афтæ цымыдисæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый, æмæ йыл дис бафтыд.Адæргæй йæ уæнгтæ барызтысты, йæ цæф ын чи тыхта, уый дзы айрох ис.
"О Аллах, радт мын цыргъдæр зонд æмæ цæстытæ! Абди у, къæрных Абди, кæд ма исты зонын, уæд! Уæд Хадзы Эффенди нæ уыд. Абырæг Абди йæ хуыдтой адæм. О Аллах! — Ныртæккæ йæм ницыуал хъардта, ницыуал дæр уынгæ кодта Хадзы Абдийы йеддæмæ. Цы зæгъдзысты адæм, цы зæгъдзæн Дзæрæхохты Алхаст? Зыдта йæ: уый дæр кæсы кæцæйдæр Хадзыйы тар цæсгоммæ. Кæмæн ис сихыл йæ къух фæхъил кæныны бар Хуыцауы йеддæмæ? Дурты бын æй нæ фæкæндзысты мæсты адæм!
"О Аллах, тугисыны сыгъдæг фæтк дæр де ’рымысгæ у! О, Аллах, æдзух дæуæн кувæг у Алханты Махмуд, фæлæ гъеныр ам йæ фыды туг куы нæ райса, уæд ыл къуыппæн зарæг скæндзысты æгас цæцæн! О Аллах, ныббар мын, кæд де скæнгæ фæтк æххæстгæнгæйæ исты фæрæдийон, уæд!"
Раздзоджы ныхмæ слæууыд Муссæ æмæ йæм æнхъæлмæ каст, кæддæра уый та куыд кæнид, зæгъгæ. Афтид кæрддзæм баппæрста Бæтæхъо инæлары къæхты бынмæ, æлвæст кард йæ къухы баззад, афтæмæй иуварс алæууыд. Тепса æмæ Алхаст дæр уый бафæзмыдтой æмæ æлвæст кæрдтимæ Раздзоджы фарсмæ слæууыдысты. Кæрддзæмты рæдзагъд стырæй-стырдæр кодта, Муссæйы уæнгты фыццаг хатт фæзынд тасы æнкъарæн.
Раздзоджы æнцъылд русыл иунæг цæссыг æрбырыд, стæй бацыд æмæ афтид кæрддзæмты рæдзагъдыл æлвæст кард нытътъæпп ласта. Тæгиан-æлдар æхцонæй сулæфыд. Афтæ асаст мæсыг хи дурæй æмæ адæмы æхсæн та фæзынд Куындыхаты Муссæйы сусæгвæнды мæнг таурæгъ.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0