Уæрæсейы авиаци фехста Украинæйы Гарзджын тыхты фæткдаруаты пункттæ

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæБыдырон аэродром
Быдырон аэродром  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. УФ Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, уæрæсейаг авиаци кæй фехста Украинæйы Гарзджын тыхты фæткдаруаты пункттæ Днепропетроваг æмæ Запорожаг областты, афтæ ма Донецкы адæмон республикæйы дæр. Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй Уæрæсейы æфсад скуынæг кодта удæгас тыхтæ æмæ техникæ 156 районы.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхты авиаци æрыппæрста Украинæйы уæлдæфон тыхты хæдтæхæг Су-24 Николаевы областы. Уымæй дарддæр, Херсоны областы Великая Александровка цæрæн пункты æрыппæрстой украинæйаг вертолет Ми-8", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 319 хӕдтӕхӕджы, 161 вертолеты, 2199 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 380 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5677 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 868 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3465 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6496 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0