Уæрæсейы ФÆС фехъусын кодта Хъырымы хидыл теракты организаторы

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæХъырымы хид
Хъырымы хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хъырымы хидыл теракты организатор у Украинæйы Хъахъхъæнынады министрады Разысгæрсты сæйраг дæлхайады разамонæг Кирилл Буданов, уагдоны кусджытæ æмæ агентурæ. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) æхсæнадон бастдзинæдты центрыл æнцойгæнгæйæ.
"Рæмудзæн æрмæг æмбæхст уыд арæзтадон полиэтиленон пленкайы 22 палеттыл, йæ иумæйаг массæ уыд 22 770 килограммы", - загътой ФÆС.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, Хъырымы хидыл теракты фæдыл уголовон хъуыддаджы тыххæй æрурæдтой аст адæймаджы, уыдонæй фондз – уæрæсейæгтæ, æртæ та Украинæ æмæ Сомихы æмбæстæгтæ.
Хъырымы хидыл 8 октябры æрцыд уæзласæн хæдтулгæйы срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн ссыгъдысты авд æртаджы цистернæйы. Фехæлдысты автомобилон фæндаджы дыууæ фадыджы, фæлæ хиды бындуры аркæтæ нæ бахъыгдард сты. Цауы фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы, сæ нымæцы тæрхонгæнæг Мæскуыйæ.
Уæрæсейы ФÆС - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2022
Уæрæсейы ФÆС аиуварс кодта теракттæ, кæцытæ цæттæ кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0