Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

27. III. КÆЙ УÆРДОНЫ БАДАЙ, УЫЙ ЗАРÆГ КÆН

27. III. КÆЙ УÆРДОНЫ БАДАЙ, УЫЙ ЗАРÆГ КÆН
Рафыссын
Талынг хатæны бадтысты Бæтæхъо, Алхаст æмæ Тепса. Османаты Садуллæйы фæхицæн кодтой, æмæ йыл сæ цæст нал схæцыд. Уымæл къултæй бынмæ зæбул хæлуарæджы тынтæ-иу сæ цæсгæмттыл андæгъдысты. Царыл ныхæст хæлынбыттыртæ цъысцъысгæнгæ схъомпал сты, æнуд тæф æмбудæнтæ æхгæдта. Дуары зыхъхъырæй æрбакæлгæ рухсы лыстæг таг сæтæлæджы сæтæй урсдæргъытæ къулмæ ныккомкоммæ. Къулы фаллаг фарсæй Терчы сæр-сæр хъуыст. Æвæццæгæн, адæймагæн талынджы хуыздæр амал фæвæййы йæ сагъæстимæ аззайынæн. Хæрзиунæгæй аззадысты, æддагон царды уынæр ардæм нæ хъуыст.
Бæтæхъо Алхасты рацагуырдта талынджы æмæ йын йæ цонгыл дæлæмæ æрхæцыд, ома æрбад. Уымæл зæххыл сæхи æруагътой зæронд лæгтæ æмæ хъуыдытыл фесты. Бæтæхъойæн йæ хъуыдытæ Муссæйæ райдыдтой æмæ йын фæстæмæ уымæ æрыздæхтысты, кæд æй тынг нæ фæндыд, уæддæр. Дуне йæм саудалынгæй каст, мæнæ уыцы хатæнау, æмæ-иу æм уырдыгæй хатт Муссæйы цæсгом ферттывта.
"Стыр зонды хицау у Муссæ. Гъеныр ам куы уаид, уæд нын исты бауынаффæ кæнид! Æвæццæгæн, уæздæттæн ахæстоны дæр буц митæ кæнынц æмæ йæ уымæн фæхицæн кодтой!" Чысыл фæстæдæр та йæхи æфхæрдта уыцы хъуыдыты тыххæй: "Чи зоны, ууыл махæй фыддæр бон ис! Лорисы-фырт æмæ йæ Туманов цæлы фынгыл кæй нæ дардзысты, уый мæ уырны!"
Хæлынбыттырты базырты тæлфын ссыд. Бæтæхъойæн та йæ хъуыдытæ Муссæ æмæ Османаты Садуллæйы фæдыл ныххал сты. Цæмæн сæ фæхицæн кодтой, кæд Байрамы стырбоны аххосаг æмхуызон байуарынмæ хъавынц, уæд? Лæгдзинад адæймагæн йемæ нæ райгуыры. Лæгдзинад адæймагæн йæхиау хъомыл чындæуы æмæ йын æмхуызон схъомылгæнæн ис сæгæвæрд тохына æмæ райдзаст галуаны мидæг. Алхасты-фырт инæлар кæй ссис, уый уынгæ дæр нæ кæны Бæтæхъо. Йæ дзырд уырзæй кæй æвзары æмæ йæм лæгдзинад кæй хаты, уый тыххæй йын кæны лæджы аргъ. Чи зоны, ацы хъуыддаджы нæ хъуыд Муссæйы нытътъыссын. Кæд састис лæдзæг, уæд уадз æмæ Бæтæхъойы зæронд сæрыл асастаид...
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0