Сызгъӕрин майдантӕ ӕмӕ приз: Хуссар Иры боксертӕ рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир

© Из архива тренера А. Тедеева.Хуссар Иры боксертӕ рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир
Хуссар Иры боксертӕ рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвӕрттӕ ӕхсӕзӕй рамбылдтой сызгъӕрин майдантӕ спорты мастер Гасситы Мурӕты призтыл турниры. Хуссар Иры архайгӕ иууыл ӕнтыстджындӕр боксер Гӕджиты Гурам ма рахицӕн ӕрцыд сӕрмагонд приз "Хуыздӕр техникӕйы тыххӕй".
Ерыстӕ цыдысты Дзӕужыхӕуы, номдзыд боксеры призтыл тохы бацыдысты 2005-2006 ӕмӕ 2007-2008 ӕзты гуырд Ирыстоны алы къуымтӕй цӕттӕдӕр боксертӕ.

"Командӕ йӕхи равдыста иттӕг хорз. Ацыд дӕс боксеры ӕмӕ ӕрхастой ӕхсӕз сызгъӕрин майданы. Сӕ нымӕц хъуама уыдаид фылдӕр, фӕлӕ баззадысты финансон фарсты тыххӕй ", - загъта Боксы скъолайы директор хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Ерысты триумфаторты нымӕцы уыдысты Гӕджиты Гурамӕй дарддӕр Гуыцмӕзты дыууӕ ӕфсымӕры Тамерлан ӕмӕ Руслан, Джиоты Марат, Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Коцты Андрей.
"Уӕлахиздзауты иууылдӕр турниры фысым Гасситы Мурат рахицӕн кодта ӕхцайы премитӕй, сӕрмагонд приз "Хуыздӕр техникайы тыххӕй", призы хицау та райста зӕрдылдарӕн лӕвар сахат дӕр", - бафтыдта уый.
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.01.2020
"Бокс – мæ цард": Гасситы Мурæт æрдзырдта йæ нывæзт, Мæскуы æмæ Ирыстоныл
Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг ма рахицӕн кодта тренерон штабы, кӕцытӕн сӕ хъомылгӕнинӕнтӕ аккаг тохтӕ равдыстой турниры.
"Бузныг зӕгъын мӕ фӕнды нӕ тренертӕ Куымӕридтаты Родион, Тедеты Александр, Дзигойты Ацӕмӕз ӕмӕ Коцты Вадимӕн. Уыдон бацӕттӕ кодтой фӕсивӕд хорз ӕмвӕзадыл", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0