Уæрæсейаг тыхтæ фæстæмæ аппæрстой Украинæйы æфсады атакæтæ цалдæр здæхтыл

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсад
Уæрæсейаг æфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, фæстæмæ кæй аппæрстой украинæйаг атакæтæ Николаев-Криворожаг здæхтыл.
"Николаев-Криворожаг здæхтыл Украинæйы Гарзджын тыхтæ уагътой размæбырстон архæйдтытæ дыууæ батальонон-тактикон къорды тыхтæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæрæсейаг æфсæдты æнтыстджын архæйдтыты руаджы атакæтæ иууылдæр фæстæмæ аппæрстой. Уый фæстиуæгæн скуынæг кодтой 110 æфсæддонæй фылдæр, 21 хæстон хæдтулгæйы æмæ 12 сæрмагонд хæдтулгæйы.
Краснолиманаг здæхтыл знаг фесæфта: 60 æфсæддоны, дыууæ танчы, фондз БМП æмæ дыууæ пикапы.
Купянаг здæхтыл знаг фесæфта 50-йæ фылдæр æфсæддоны, æртæ танчы, цыппар БМП æмæ авд хæдтулгæйы.
Иу суткæмæ уæрæсейаг æфсæдтæ æрыппæрстой 10 америкæйаг ракетæ HARM, америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы 16 сармадзаны, 12 æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ хæдтæхджытæ Су-27 æмæ МиГ-29.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 321 хӕдтӕхӕджы, 161 вертолеты, 2211 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 380 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5720 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 868 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3467 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6529 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0