Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

28. IV. ТУГГЪУЫЗ РЫГ. V. ХУЫЦАУЫ МИНÆВАР

28. IV. ТУГГЪУЫЗ РЫГ. V. ХУЫЦАУЫ МИНÆВАР
Рафыссын
Муссæ æхсæвыгон ацыд æмæ фæстæмæ дæр æхсæвыгон æрбаздæхт. Кæдæм ацыд, уый ничи базыдта, инæлар Лорис-Меликовы йеддæмæ. Нæ йæ базыдта Османаты Саад-Уллахъ дæр.
Сусæг минæварæн йæ ахастыл зынд, Кавказы æфсæдты генералон штабы хицау Карцовимæ йæ фембæлдæй тынг разы кæй уыд, уый. Терчы облæсты хицау Лорис-Меликов ын уыцы æхсæв сусæгæй цы фыстæг арвыста, уымæн дзуапп дæр æрбахæццæ ис йæ хæд фæстæ. Хæрз цыбыр уыд сусæг телы мидис, йæ сусæг хъуыды йын Лорис-Меликовы йеддæмæ ничи равзæрстаид, искæй къухмæ куы бахаудтаид, уæддæр: "Стыр кънйаз Михаил разы у инæлар Къ-йы дзырдыл. Егъау æнтыстытæ уын уарзы мæ цæст. Цас — фылдæр, уыйас — хуыздæр. Карцев А. П."
Бруты хъæуы цæрджытæ Хъазийы æрбацыд фехъуыстой æмæ стыр сывылдзы бын æрæмбырд сты. Цыппар-фондз азы размæ Хъаныхъуатæ Туркмæ куы лыгъдысты, уæд дæр афтæ скуыста Хъазийы æвзаг æмæ хъæздыг мыггаджы фæдыл мæгуырты дæр схауæггаг кодта. Лидзгæ ныккодтой "дзæнæты бæстæм", фæлæ фæстæмæ лидзинаг фесты æмæ дзы иуæй-иутæм фæндаггаг æхца дæр нал баззад. Уыдæттæ сæ зæрдыл лæууыдысты ныхасы сæр бадæг зæронд Гуыцырæн, мадзура Темырыхъойæн, Мамсыраты Уосмæнæн æмæ тынг сцымыдис сты, Хъази сæм кæй фæзынд, ууыл. Цымæ ныр та цæмæн æрбацыд Хуыцауы минæвар? Цы йын бафæдзæхста Уæллаг? Уæд Уосмæны дæр сфыхта Хъази йæ ныхасæй, Туркмæ лидзыны хъуыды Хуыцауæн йæхицæй рацыд æмæ Хуыцауы фæндоныл гуырысхогæнæн нæй, зæгъгæ, Хъаныхъуаты хынцмæ Уосмæны зæрдæйы дæр кæмдæр февзæрд йе ’мдин адæмы ’хсæнмæ алидзыны фæнд, уæддæр ма Муссæйы афарста, куыд кæнгæ нын у, зæгъгæ. Уый йæ цæсгом иннæрдæм аздæхта æмæ цыбырæй загъта: "Нырма афон нæу!"
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0