Белоруссийы бакодтой контртеррористон операцийы режим

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæБелоруссийы Гарзджын тыхтæ
Белоруссийы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Белоруссийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Владимир Макей фехъусын кодта, бæстæйы кæй бакодтой контртеррористон операцийы режим, хъусын кæны Известия.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы Гарзджын тыхтæ æмæ сæрмагонд службæтæ цæттæ сты ныхмæ фæлæууын цыфæнды провокацийæн дæр сыхаг паддзахадтæй.
"Нæ бæстæйы сæргълæууæг ауагъта рабадт тыхон структурæтимæ, бакондæуыд контртеррористон операцийы режим. Æцæгдæр, уыд информаци, кæцыдæр сыхаг паддзахадтæ кæй нывæндынц ауадзын провокацитæ, кæцытæ баст сты Белоруссийы территорийы хицæн фадгуытæ бацахсынимæ", - хъусын кæны "Известия" Владимир Макейы ныхæстæ.
Дыццæджы Белоруссийы МХМ пресс-службæ хъусын кодта, уагдон кæй уадзы ахуыртæ, кæцытæ баст сты уæззау æфсæддон-политикон уавæримæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0