Хуссар Ирмæ фæуазæг уыдзæн Ульяновскы æвзонг кæсæджы театр

© Sputnik / Фатима ПлиеваАргъау
Аргъау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Рафыссын
Уазæг артисттæ Цхинвалы уыдзысты цыппар боны дæргъы
ЦХИНВАЛ, 14 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр цыппар боны æмгъуыдмæ ӕрфысым кӕндзӕн æвзонг кæсæджы Ульяновскы "NEBOLSHOY ТЕАТР"-ы труппæйы, фехъусын кодтой Sputnik театры пресс-службæйы.
Уазæг театры æрцыд нысан у 25-28 октябрьмæ.

"Ульяновскы театр Хуссар Ирмæ æрхæсдзæн цыппар равдысты, сæ нымæцы спектакльтæ æмæ аргъæуттæ - "История одного похищения", "Как Лопшо человеком стал", "СОЛНЦЕ МУХА КРОКОДИЛ" æмæ "Лучшее, что было в моей жизни", - радзырдтой уагдоны.

Уым ма бафиппайдтой, театр бон дæтдзæн фæйнæ дыууæ равдысты.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр Ульяновскы уазӕгуаты уыд дыууӕ хатты - 2009 ӕмӕ 2019-ӕм ӕзты.
Ног хабӕртты лентӕ
0