Хуссар Иры фæсивæд хайад райстой арт-кластер "Таврида"-йы

© Sputnik / Макс Ветров /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры фæсивæд хайад райстой арт-кластер "Таврида"-йы
Хуссар Иры фæсивæд хайад райстой арт-кластер Таврида-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 окт – Sputnik. "Таврида"-йы фæндыд бабæрæг кæнын фылдæр мадзæлттæ, фæлæ уым цыма рæстæг фæкъаддæр вæййы, радзырдта Sputnik культурæ æмæ аивады æвзонг архайджыты фестиваль "Таврида. АРТ-2022"-йы хайадисджытæй иу Коцты Элина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уыд музыкæйы хаххыл программæйы хайадисæг – чызг архайы музыкæйæ фондз азы карæй фæстæмæ.

"Алцыдæр уыд гом. Гæнæн уыд цæуын алы мадзалмæ дæр. Кæд дæ мастер-класс фæцис, æмæ дын сæрибар рæстæг баззад, уæд гæнæн уыд бабæрæг кæнын, зæгъæм, кафджытæ æмæ нывгæнджыты мастер-класттæ. Уым уыд бирæ мадзæлттæ, кæцытæм мæ фæндыд бацæуын. Фæлæ, хъыхъагæн, рæстæг уыд цъус, "Таврида"-йы цыма рæстæг тагъддæр цæуы. Кæддæрты-иу сихор бахæрынæн дæр рæстæг нæ фаг кодта", - загъта уый.

Коцты Элина бахахх кодта, хайад кæй райста форумы сæхгæныны церемонийы.
"Музыканттæ байгом кодтой сæхгæныны церемони. Мах æппæт командæйæ ныффыстам зарæг, афтæмæй музыкæ æмæ дзырдтæ дæр нæхæдæг арæзтам. Уыдон иууылдæр ныффыстам студийы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æххуыс дæр нын бакодтой. Æмæ фæстаг æхсæв рахызтыстæм сценæмæ æмæ ралæууыдыстæм", - загъта делегат.
Коцты Элинайы ныхæстæм гæсгæ, ацы форумæй уый бирæ пайда рахаста.
Арт-кластер "Таврида"-мæ Хъырыммæ, цы ран уагъд цыдысты тренингтæ, мастер-класттæ, лекцитæ æмæ командæ аразæн мадзæлттæ, Хуссар Ирыстонæй ацыдысты аст адæймаджы Цхинвалы музыкалон æмæ аивадон ахуыргæнæндæттæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0