Улӕфӕн къуымтӕ ӕнӕзакъонон арӕзтӕдты бынаты: Цхинвалы исынц гаражтӕ

© SputnikЦхинвалы исынц гаражтӕ
Цхинвалы исынц гаражтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Плиты Харитоны уынгыл бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ сӕрибар кӕнынц ӕнӕзакъонон арӕзтӕдтӕй. Нырмӕ бантыст айсын уынджы 29-ӕм хӕдзары раз цы зӕронд гаражтӕ уыд, уыдон, сӕ фӕстӕ уыдзӕн 27-ӕм хӕдзары кӕрт ссӕрибар кӕныны рад.
Ныр дӕр Плиты Харитоны 27, 29 ӕмӕ 31 хӕдзӕртты раз фӕзуат зынгӕ расӕрибар ис, хӕдтулгӕтӕ дзы змӕлынц сӕрибардӕрӕй, фӕзынд дзы машинӕ уромӕн бынӕттӕ. Горӕты разамынд ныфс дӕтты сӕрибар ӕмӕ сыгъдӕг фӕзуаты центры саразын сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕзуат.
"Ацы аз кӕрт хъуамӕ ссӕрибар ӕрцӕуа ӕнӕзакъонон гаражтӕй, стӕй дзы ӕрцӕудзӕн хуыр калд ӕмӕ йӕ рараст кӕндзыстӕм. Ног аз та уым хъуамӕ саразӕм сывӕллӕтты фӕзуат", - загъта Sputnik горӕты мэр Къацты Гено.
Горӕты хицауы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарст нырма кӕронмӕ лыг нӕу.

"Мах сын ӕнхъарӕм гаражон рӕнхъыл бынӕттӕ. Стӕй сын сӕ нӕхӕдӕг сӕ зӕронд гаражтӕ ахӕссынӕн техникӕ скӕнӕм. Бадзырдтыл чи нӕ разы кӕна, уыдонимӕ фарст скъуыддзаг цӕудзӕн тӕрхондоны уылты",- бафиппайдта уый.

Гаражтӕн нырма хицӕн цӕуы бынӕттӕ, фӕлӕ сыл фидар цӕудзысты, ӕрмӕст дзы кӕрӕдзимӕ ӕнгӕс капиталон гаражтӕ амад куы рцӕуой уӕд.
© SputnikЦхинвалы исынц гаражтӕ
По улице Х. Плиева городские власти убирают незаконные постройки - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Цхинвалы исынц гаражтӕ
Кӕрт ӕмӕ горӕты ӕддагбакаст цы арӕзтӕдтӕ мӕгуырау кӕнынц, уыдоныл айсыныл дзырд цыд рагӕй, фыццаг хъусинӕгтӕ хӕдзӕрттыл фӕзындысты 2013 азы, фӕлӕ хъуыддаг размӕ нӕ цыд. Сӕ ӕнӕразыдзинад ӕвдыстой арӕзтӕдты хицӕуттӕ.
"Рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм. Ныр зынгӕ фӕрогдӕр ис нӕ кӕртмӕ бацӕуӕн, фӕзынд дзы хӕдтулгӕты уромӕн бынӕттӕ. Нӕ кӕрт ныр дӕр у ӕфснайддӕр хуыз",- дзуры районы цӕрӕг чызг.
Корпусы разӕй цы арӕзтӕдтӕ айстой, уыдон чысыл фӕсфӕддӕр бынаты ӕрцыдысты ӕвӕрд.
© SputnikЦхинвалы исынц гаражтӕ
По улице Х. Плиева городские власти убирают незаконные постройки - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Цхинвалы исынц гаражтӕ
"Цы ран бафснайӕм ӕмӕ ссӕрибар кӕнӕм фӕзуаттӕ, уым арӕзт цӕудзысты сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуаттӕ науӕд та улӕфӕн хӕрзарӕзт къуымтӕ",- загъта мэр.
Районы депутат Сланты Иваны ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты разамынад ӕмӕ сыхы цӕрджытӕ кӕрӕдзи бамбӕрстой.
"Баныхас кодтам. Иууылдӕр сразы сты. Раздӕр дзы уыд цӕхгӕр ныхмӕ чи уыд ахӕмтӕ, фӕлӕ сыхы адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ кӕрӕдзи бамбӕрстой", - загъта районы депутат Сланты Иван.
Ирон БАМ иунӕг территорий нӕу, кӕцы хъуамӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕной горӕты разамынад. Уый фӕстӕ та куыст сцайдагъ уыдзӕн Хъайтарты ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынгты.
Ног хабӕртты лентӕ
0