Уæрæсейаг тыхтæ скуынæг кодтой ныгуылæйнаг хæцæнгарзимæ арсенал Львовы областы

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг аэродром
Уæрæсейаг аэродром - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. УФ Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой, кæй скуынæг кодтой ныгуылæйнаг хæцæнгарзимæ арсенал Украинæйы.
"Иттæг дырыс хæцæнгарзæй Львовы областы цæрæн пункт Бродыйы скуынæг кодтой арсенал, кæцымæ æрбаластой ныгуылæйнаг бæстæтæй хæцæнгарз, хæстон техникæ æмæ хæстæрмæджытæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма иу суткæмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой 15 æнæпилотон тæхæг аппараты, залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы 14 сармадзаны, афтæ ма Украинæйы Гарзджын тыхты хæдтæхæг Су-24.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 322 хӕдтӕхӕджы, 161 вертолеты, 2226 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 380 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5753 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 869 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3473 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6560 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0