Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

29. VI. ТЕМЫРБОЛАТ

29. VI. ТЕМЫРБОЛАТ
Рафыссын
Мæт лæгæн хатт химарæн кард райсын кæны. Темырболатæн Хъуыбады дзырдта, Хуыцауы минæвар Бруты ныхасы бадтис æмæ цахæмдæр гæххæтт кастис, зæгъгæ. Стæй йæхæдæг дæр æркаст æмæ федта: Есенаты Гуыцыры дзыхæй "Стамбул" йеддæмæ ницы хъуыст, Брутæн йæ фылдæр æмбисыл "урс дзул æмæ мыды" сагъæс бафтыд.
Уый æрмæст моллойы æвзаджы тых нæ уыд. Уый, Темырболаты цæст æмæ зонд кæуыл не ’ххæст, ахæм тых уыд, йæ разы йæхи мæлдзыгау æнкъардта. Иу ратылдæн æй ныцъцъист кодтаид æмæ рыг фестадаид. Иннæрдыгæй та, йæ мады хъарæгмæ хъусын нал уыд йæ бон — йе ’фсымæр Муссæйы мæтæй йæхи мардта ус. Йæ хъарæгмæ-иу сыхæгтæ æрæмбырд сты.
"Дæ бынаты бад æмæ æнхъæлмæ кæс!" — фыста йæм Муссæ. Кæдмæ æнхъæлмæ кæса, цалынмæ йæ уыцы æвирхъау тых ныцъцъист кæна, уалынмæ? Кæдмæ хъуса Æнайы хъарæгмæ? Кæдмæ кæса Гæбайы тар цæсгоммæ? Науæд Дзæрæхохты Алхаст æмæ Малсæгты Тепсайы бинонтæ куыд кæнынц?
Хъуыбадыйы ныхæстæ йыл чъырын арт бандзæрстой, æмæ йæ риуы цъыс-цъыс кодта "урс дзул æмæ мыд". Молло Хуыцауы фæндæй цы фæндагмæ сиды, ууыл æрмæст иуырдæм ис ацæуæн, фæстæмæ сындзæхгæд ныууыдзæн... Ахæм рæстæджы йæм дзурын нæ фæцæуы, фæлæ Хъуыбады йæ фæдыл ацæуы æндæргау, æнæдзургæйæ. Цыма исты зылынджын у, ахæм каст æм æрбакæны æмæ йæ ныхы ссывдтытæ ноджы сарæх вæййынц. Мæнæ ныр дæр йæ фарсмæ бады хъæугæрон. Æвæццæгæн, йæ фæндырæн суымæл кæнынæй тæрсы æмæ йæ йæ зæронд къандзолы бын бавæрдта.
Ныхъхъус сты. Темырболат Хъуыбадыйы къухæй фæндыр райста, æркæстытæ йæм кодта, "Стамбулы кæй хъæуы" йæ зæрдæйы нал бацыд. Йе ’нгуылдзтæ йыл æруагъта. Ныллæг хъæлæсæй дыз-дыз кодта фæндыр. Темырболаты зарын дæр не хъуыст тынг. Стæй хъуыдыты адзæгъæл æмæ дзы айрох ис, заргæ кæй кæны æмæ йæм Хъуыбады цавддурау кæй хъусы. Æвиппайды фæндыр йæ хицауы армы фæсагъта æмæ æррайау йæ къахæй зæхх ныххоста:
— Кæдæм лидзæм нæ Хуыцау æмæ нæ дин агурæг, мæнæ нæ къæхты бын куы сты, уæд?
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0