Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой 11 майданы "Мирный Кавказ"-ы киокушинкайӕ

Мирный Кавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ 11 спортсмены скондӕй киокушинкайы дисциплинӕйӕ иууылдӕр ӕрыздӕхтысты майдантимӕ XV-ӕм ӕппӕтуӕрӕсеон культурон-спортивон фестиваль "Мирный Кавказ"-ӕй, уыдонӕй фондз сты уӕлахиздзаутӕ, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕды тренер Созайты Владимир.
Ерыстӕ цыдысты Дзӕуджыхъӕуы спортивон комплекс "Манеж"-ы ӕфсӕддон ӕмтохӕдты 16 хуызы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой 1700 спортсмены.
"Киокушинкайӕ дзы уыд 67 спортсмены Абхаз, Кӕсӕг-Балхъар, Хъырым, Ставрополы край, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Нӕ командӕйы сконды уыд 11 спортсмены, ӕмӕ иууылдӕр ӕрыздӕхтысты майдантимӕ", - загъта тренер.
Фыццаг бынӕтӕ бацахстой Асаты Зӕринӕ, Лалыты Джер, Цыбырты Настя, Дзидздзойты Иннӕ, ӕмӕ Дзидздзойты Аннӕ. Дыккаг призертӕ та ссисты Джиголаты Ацӕмӕз, Агаджанян Ангелина, Уртаты Диана, бронзӕйон майданы хицӕуттӕ та ссисты Асаты Денис, Гуыззыттаты Дзамболат ӕмӕ Тедеты Хетӕг.
"Фӕсивӕд нырма ӕрмӕст дыууӕ азы цӕттӕ кӕнынц, сӕ ралӕудтӕй дӕн райгонд, ис сын хорз резерв. Мӕйы кӕрон та нӕхи цӕттӕ кӕнӕм ног ерыстӕм", - бахахх кодта Созайты Владимир.
Ног хабӕртты лентӕ
0