Президент банхъардта аргъæвын кредит æмæ иварты æмгъуыд сæрмагонд операцийы хайадисджытæн

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта бакусын кредитон æмæ æндæр ивартæ фидыны æмгъуыд аргъæвыныл республикæйы æмбæстæгтæн, кæцытæ ныртæккæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы, æмæ сæ бинонтæн.
Æмбæлон хæслæвæрд радтой юстицийы министр Гаглойты Олегæн.
"Абоны бон не ‘мбæстæгтæй бирæтæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Фæлæ сын ис кредиттæ æмæ æндæр ивартæ. Бакусут банктимæ, æндæр уагдæттимæ, цæмæй аскъуыддзаг кæнæм ацы фарстытæ", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исынц дæсгай бархионтæ Хуссар Ирыстонæй, афтæ ма республикæйы æмбæстæгтæ, кæцытæ цæуынц контрактон службæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0