Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

30. VII. ЭКМЫРЗÆТЫ ТАЗА ÆМÆ УРУС-МАРТАНЫ ÆХСÆВ

30. VII. ЭКМЫРЗÆТЫ ТАЗА ÆМÆ УРУС-МАРТАНЫ ÆХСÆВ
Рафыссын
Ичкерийы зылдæй никуы ахызт Экмырзæты Таза, йæхицæн фосæй ницы уыд æмæ кæмæндæр фыййауæй хырхта чысылæй нырмæ. Чиныг кæсын нæ зыдта, фæлæ хъуыранæн табу кодта, уымæн æмæ йын йе ’мдзæвгæтæ моллотæй хъуыста. Иу бакастæй тызмæг æмæ зыкъуыритæ уыд Таза, фæлæ уыцы тызмæгдзинады мидæг змæлыд фæлмæн, лæгуарзон уд. Хæрз чысылæй фæсидзæр ис, йæ фыд Экмырзæ йын ницы ныууагъта æмæ лæппу баззад уæзæджы къæйыл бæгъæмвадæй. Чифæнды уæд лæппуйæн йæ ахуыргæнæг: молло, сауджын, философ, сих, æфсадфæтæг æви кадæггæнæг, уæддæр йæ царды æхсæнмæ-æхсæнты æнæразыдзинад фæзыны æмæ уæд æцæгдзинады бындур бацагуры. Уæд райдайы йæ ахуыргæнæджы æвастæй дзуапп агурын: цæмæн ис иутæн бирæ, иннæтæн та цъус, кæд æмæ хъуыран амоны, Стыр Хуыцау дын цы радта, ууыл хæц æмæ фылдæр ма дом, зæгъгæ, уæд?
Молло амыдта, уыцы агурын хорзмæ кæй нæ расайдзæн, уый. Йæ цæстытæ-иу æрæхгæдта, йæ былтæ-иу "сыгъдæг чиныджы" чъизи цъарыл нымдæй авæрдта æмæ-иу адджын хъæлæсæй базарыд: "Лæмбынæг хъус дæ Хуыцауы амындмæ æмæ æцæгдзинадыл фембæлай!"
Таза мæсты кодта, цард æмæ адæймаджы иудзинад Иунæг Стыр Аллах куыд сныв кодта, афтæ кæй нæ цыд, ууыл. Адæм Хуыцауы раз æмхуызонты, фæлæ Уæлладжы хæрзиуджытæ иуæй-иутæ сæ сæртыл сарыхъхъы бæсты дарынц æмæ дзы иннæтæн, куыдзæн стæг куыд аппарай, афтæ аппарынц, куы сæ бафæнды, уæд.
Тазайæн йæ ахуыргæнæг куыдфæстагмæ старст, йæ ахуыргæнинаг стыр Аллахы амынд фæндагæй куы фæивгъуыйа, уымæй. Йæ былтæм-иу ын хъуыран бахаста, йæ дыууæ æнгуылдзы-иу уæлæмæ сдардта æмæ-иу адджын хъæлæсæй базарыд: "Быхс, мæ хъæбул, æмæ цы агурыс, уый дын лæвæрд æрцæудзæн". Стæй-иу йæ амынд ныддаргъ кодта: "Иунæг Хуыцау йæхæдæг у куыд не сфæлдисæг, афтæ нæ хъуыдыты сфæлдисæг дæр. Уый йæхæдæг у хæрзиуæджы денджыз, æмæ рæхджы фездах дæ чъылдым, дæ зæрдæйы дын гуырысхо чи фæзынын кодта, уыцы хъуыдытæм, цæмæй æцæг фæндагыл фæхæст уай!" Тазайы удмæ куыдфæстагмæ уæлтæмæны рухс ныккаст æмæ йæ зæрдæйы налхъуытау æрттывта хъуыраны дыккаг сурæйы амынд: "Æцæг Аллахы къухы стæм æмæ Аллахы ’рдæм хъуамæ скæнæм не ’ргом".
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0