Хуссар Иры скъоладзаутæн уадзынц профилактикон ахуыртæ фæндагон змæлды фæткы фæдыл

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры скъоладзаутæн уадзынц профилактикон ахуыртæ фæндагон змæлды фæткы фæдыл
Хуссар Иры скъоладзаутæн уадзынц профилактикон ахуыртæ фæндагон змæлды  фæткы фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусджытæ уадзынц республикæйы скъолаты профилактикон ахуыртæ, кæцытæ здæхт сты фæндагон змæлды фæтк æмæ æхсæнадон фæтк æххæст кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны барадхъахъхъæнæг органы пресс-службæ.
"Кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн Паддзахадон автоинспектортæ уадзынц ахуыртæ викторинæйы хуызы. Фæндагон змæлды æвзонг хайадисджытæн æвдисынц тематикон мультиктæ дæр", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хистæркъласонтæн автоинспектортæ сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц, кæй нæй гæнæн скъæрын автоотранспортыл æнæ бæлвырдгæнæн документтæй, афтæ ма фæндагон змæлды фæткхæлды фæдыл бæрндзинад.
Милицийы кусджытæ ма радзурынц æнахъомты уголовон æмæ административон бæрндзинад æрлæууыны карыл, афтæ ма бæрндзинады тыххæй, кæцы законмæ гæсгæ хауы ныййарджытæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0