Мыхыргонд æрцыдысты "Северный поток"-ы фехæлдты фыццаг кадртæ

© Danish Defence"Северный поток — 2"
Северный поток — 2 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Швецийы рауагъдад Expressen, кæцы райста хицауадæй бар къамтæ æмæ видео сисынæн, ныммыхуыр кодта газы хæтæл "Северный поток"-ы фехæлдты фыццаг кадртæ. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости.
Видеойы, кæцы систа доны бын æнæпилотон аппарат, зынынц газы хæтæлы егъау фехæлдтæ. Афтæ ма трубæйы кæцыдæр хæйттыл зынынц фæстытæ, аннæты та згъæр райста зынгæ деформаци. Денджызы бын трубæйы алыварс разындысты тыхджын срæмыгъды фæдтæ.
Газеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зианы масштаб æвдисы, цахæм тыхджын срæмыгъд дзы уыд.
Теракт æрцыд 26 сентябры дыууæ уæрæсейаг экспортон газы хæтæлыл Европæмæ – "Северный поток" æмæ "Северный поток - 2".
Ног хабӕртты лентӕ
0