УФ Хъахъхъæнынады министрад радзырдта Украинæйы энергетикæйы объекттæ ногæй фехсыны тыххæй

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУФ Хъахъхъæнынады министрад радзырдта Украинæйы энергетикæйы объекттæ ногæй фехсыны тыххæй
УФ Хъахъхъæнынады министрад радзырдта Украинæйы энергетикæйы объекттæ ногæй фехсыны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Уæрæсейы æфсæдтæ иттæг дырыс ракетæтæй фæцæф кодтой Украинæйы энергетикон объекттæ æмæ æфсæддон фæткдаруаты системæйы нысæнттæ. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ иу суткæйы дæргъы иттæг дырыс ракетæтæй фехста Украинæйы æфсæддон фæткдаруат æмæ энергетикæйы объекттæ, афтæ ма фæсарæйнаг хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты æфтауцтæ", - загътой уагдоны.
Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой 10 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты. Афтæ ма скуынæг кодтой украинæйаг зенитон ракетон комплекс С-300.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 323 хӕдтӕхӕджы, 161 вертолеты, 2266 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 381 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5876 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 871 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3485 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6635 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0