Гаглойты Алан фембæлд УФ Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвæрттимæ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд УФ Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвæрттимæ
Гаглойты Алан фембæлд УФ Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвæрттимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд УФ Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвæрттимæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Фарсытæ æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты фæткдаруат фæхуыздæр кæныны перспективæтыл.
"Мах, куыд Уæрæсейы информацион технологиты къабазы раздзæуæг компанитæй иу, цæттæ стæм бахæссын нæ хайбавæрд бæстæйы райрæзтмæ, сæйраджыдæр, информацион технологиты райрæзтмæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты фæткдаруаты системæ фæхуыздæр кæнынæн", - бахахх кодта УФ Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвар.
Гаглойты Алан та банысан кодта, фембæлд кæй ацыд афоныл.
"Геополитикон уавæр хынцгæйæ æнæмæнгхъæугæ у æрдзурын æмархайды фарстытыл рæстæгыл" – загъта президент.
Фембæлды ма хайад райстой РХИ президенты администрацийы разамонæг Джиоты Алан æмæ хъахъхъæнынады министр Марат Павлов.
Ног хабӕртты лентӕ
0