Æгъдауы таурæгътæ. Хæтæг Барæг

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Сæлхæйы хъæуы Сæлхæйы рæсугъд сфæнд кодта моймæ фæцæуын. Хъæуы царди Хæтæг Барæг, æмæ уымæ ’хсайдта йæ зæрдæ. Хæтæг Барæг ницæмæй ауæрста йæхиуыл, цæмæй йæ бауарза Сæлхæйы рæсугъд.
Нæртон адæм-иу, æвæдза, фос фæкодтой, стæры уæвгæйæ, уæд-иу Хæтæг Барæг сæ размæ ацыд, бафæсвæд-иу кодта йæхи, цалынмæ-иу Нарт æд фосы конд сæ хæдзæрттæ ссардтой, уалынмæ. Уæд-иу Хæтæг Барæг, Нарты стæрон фæндæгтыл цæуын чи нал фæрæзта, се счъилтæй-иу сæ ног фаджыс кæмæн калд, зæрдæ-иу бакæсын кæмæ нæ куымдта, уыцы фос скъуымбил кодта йæ разæй, Сæлхæйы мæсыджы рæзты сæ-иу æрбаскъæрдта, мæлæты лæгау. Ракастаид-иу уæд Сæлхæйы рæсугъд æмæ-иу бахудт йæ мидбылты. Цæуылнæ ныббузныг уыдаид Хæтæг Барæг дæр уыцы сахат йæхицæй!
Сæлхæйы хъæуы ма царди къулбадæг усы фырт. Нæртон адæм æнæ уый нæ цыдысты стæры. Уый дæр бауарзта чызджы, фæлæ йæм Сæлхæйы рæсугъд фæстæмæ дæр нæ касти.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0