Хуссар Иры киокушинкайы спортсментӕ стох кӕндзысты дыууӕ гуырахстджын турниры

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæКаратэ
Каратэ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ киокушинкайы спортӕй стох кӕндзысты дыууӕ гуырахстджын турниры - Ставрополы крайы фыццагад ӕмӕ дунейы чемпионаты ӕппӕтстилон каратейӕ, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕды тренер Созайты Владимир.
Фыццаг уал нӕ командӕ йӕхи рӕвдз кӕны Ставропольмӕ.
"28-31 октябрьмӕ нӕ спортсментӕ тох кӕндзысты Ставрополы крайы фыццагады. Командӕ ныридӕгӕн фидар цӕуы, кандидатты нымӕц у 15 , фӕлӕ раразмӕ кӕндзыстӕм 10 тыхджындӕр спортсмены", - загъта тренер.
Ставрополы фыццагады фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны спортсментӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы бӕрзонддӕр ӕмвӕзады ерыстӕ.
"Дунейы чемпионат ӕппӕтстилон каратейӕ цӕудзӕн 31 октябрӕй цыппӕрӕм ноябрьмӕ горӕт Орёлы. Ам стох кӕндзысты Дзидздзойты Аннӕ ӕмӕ Гаглойты Диана. Хуссар Ирыстоны спортивон кад ма хъахъхъӕндзӕн спорты галуан "Олимп"-ы тренер Арсен Капаров" ,- бахахх кодтой Созайты Владимир.
Хуссар Ирыстоны спортсментӕ киокушинкайы спортӕй ӕрӕджы рамбылдтой 11 майданы фестиваль "Сабыр Кавказ"-ы.
Ног хабӕртты лентӕ
0