Хуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ

© Sputnik / Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ
Хуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районмӕ фӕхӕццӕ кодтой газы автоцистерна, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, районмӕ нӕ хӕццӕ кӕны газифтонгад. Сӕ баллонтӕ ӕмӕ хӕдтулгӕты йедзаг кӕнынӕн посёлок ӕмӕ хъӕуы цӕрджыты хъуыд цӕуын столицӕмӕ, уыимӕ иумӕ хӕлд цыдысты газ ласыны нормӕтӕ дӕр.
"Газы автоцистернӕйы цур сӕрӕзт радтӕ. Адӕм бузныг дзырдтой районы разамынад ӕмӕ республикӕйы президентӕн", - загъта Кокойты Анжела.
Газы фӕзынд ахъаз фӕцис куыд цӕрджытӕн, афтӕ амалиуӕгдартӕн дӕр. Уыдон дӕр ныр бынаты амал кӕнынц газ. Проблема лыг ӕрцыд президент Гаглойты Аланы ӕмархайдӕй, уый самал кодта сӕрмагонд ласӕн хӕдтулгӕ Цӕцӕны.
"Автоцистерна ацӕудзӕн Цъинагармӕ дӕр развӕлгъау сфидаргонд графикмӕ гӕсгӕ. Амӕй фӕстӕмӕ автоцистерна районмӕ цӕудзӕн ӕдзух", - бафтыдта уый.
Пресс- секретарь ма бафиппайдта, районы хистӕр Гӕджиты Иларионы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, ног азӕй Ленингоры кӕй фӕкъаддӕр уыдзӕн ӕртаджы аргъ, ныридӕгӕн уый у зынгӕ зынаргъдӕр Цхинвалӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0