https://sputnik-ossetia.com/20221019/kuydargomy-sandidzan-kodtoy-fandagon-bastdzinad-sadzhilzazy-khauma--19495907.html
Къуыдаргомы сӕндидзӕн кодтой фӕндагон бастдзинад Саджилзазы хъӕумӕ
Къуыдаргомы сӕндидзӕн кодтой фӕндагон бастдзинад Саджилзазы хъӕумӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕт Къуаисайы цӕрӕнуатон-коммуналон службӕйы тыхтӕй сӕндидзын кодтой фӕндагон бастдзинад бӕрзонд хъӕу Саджилзазмӕ... 19.10.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-10-19T10:02+0300
2022-10-19T10:02+0300
2022-10-19T10:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
къуаиса
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0a/12/19490340_0:119:1280:839_1920x0_80_0_0_79b88e7cc83408d4c44945b835f774ab.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕт Къуаисайы цӕрӕнуатон-коммуналон службӕйы тыхтӕй сӕндидзын кодтой фӕндагон бастдзинад бӕрзонд хъӕу Саджилзазмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты мэр Хуыгаты Алан. Фӕндаг фӕласта иу мӕйы размӕ. Бӕрзонд хӕххон хъӕу ӕвӕрд ис Къуыдаргомы центрӕй аст километры дарддӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0a/12/19490340_2:0:1279:958_1920x0_80_0_0_5b15e921cc16f259a82c4eb83d86fdae.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, къуаиса
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, къуаиса
Къуыдаргомы сӕндидзӕн кодтой фӕндагон бастдзинад Саджилзазы хъӕумӕ
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕт Къуаисайы цӕрӕнуатон-коммуналон службӕйы тыхтӕй сӕндидзын кодтой фӕндагон бастдзинад бӕрзонд хъӕу Саджилзазмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты мэр Хуыгаты Алан.
Фӕндаг фӕласта иу мӕйы размӕ.
"Куыстытӕ нывӕзты нӕ уыдысты. Нӕ коммуналон службӕтӕ ныккалдтой хуыр ӕмӕ сраст кодтой фӕндаг Саджилзазмӕ. Ацы фӕндагыл хӕдтулгӕ нал хызт. Куыстыты архайдтой техникӕйы ӕртӕ иуӕджы", - загъта горӕты хицау.
Бӕрзонд хӕххон хъӕу ӕвӕрд ис Къуыдаргомы центрӕй аст километры дарддӕр.
"Фӕндаджы цалцӕггӕнинаг хай уыд 300 метры бӕрц. Ацы хибар хъӕуы нырма дӕр цӕры цыппар хӕдзары", - бафтыдта Хуыгаты Алан.