Центр "Ныфс"-ы хистӕр радзырдта пациентты проблемӕтыл ӕмӕ уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй

© Sputnik / Мария КотаеваЦентр "Ныфс"
Центр Ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Нозт ӕмӕ наркотикты ӕндӕвдады бын чи ис уыдон реабилитацион центр у ахӕм бынат, цы ран фидар кӕнынц адӕймагӕн йӕ уд ӕмӕ йӕ буар, нымайы центры разамонӕг Куыдзеты Игорь.
Реабилитацигон центр "Ныфс" ныр 18 азы ӕххуыс кӕны адӕмӕн нозт ӕмӕ наркотикты ӕндӕвдӕй ссӕрибар кӕнын. Медикаментон хоскӕнынад ам баххӕст кӕнынц спорт ӕмӕ куыстӕй. Центрӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2004 азы хицауады барамындӕй.
"Стӕм хатт нӕм ӕрбацӕуынц адӕм, ӕрмӕстдӕр сӕ бон куы базонынц, уӕд. Центр у ахӕм бынат, цы ран фидар кӕнынц адӕймагӕн йӕ уд ӕмӕ йӕ буар. Нырма нын аразинӕгтӕ нӕхицӕн дӕр ис бирӕ, архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ куысты уавӕртӕ саразӕм Уӕрӕсейы куыд кусынц, уымӕ ӕнгӕс",- радзырдта Куыдзеты Игорь.
Реабилитацигон центр "Ныфс" конд у дыууӕ хаййӕ - сӕйраг корпус ис Цхинвалы Сталины уынгыл, куысты терапийы хӕдзар та Знауыры районы Малдайы хъӕуы. Центры директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕтӕдӕр сты аразинаг.
"Ныхас кодтон хицауады сӕрдар Джуссойты Константинимӕ. Мӕ хъуыды у афтӕ, хьӕуы сӕ бахӕссын Инвестицион нывӕзтмӕ. Бацӕттӕ сын кодта проектон-сметӕцйон документаци",- бафтыдта уый.
Реабилитацигон центртӕ ныридӕгӕн сбирӕ сты Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0