Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæйы дæргъы дарддæр æхстой Украинæйы æфсæддон объекттæ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæдтæ
Уæрæсейы æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, иттæг дырыс ракетæтæй дарддæр кæй æхсынц Украинæйы æфсæддон фæткдаруат æмæ энергетикæйы объекттæ.
"Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ суткæйы дæргъы æхстой иттæг дырыс хæцæнгарзæй Украинæйы æфсæддон фæткдаруат æмæ энергетикæйы объекттæ. Нысæнттæ иууылдæр фæцæф кодтой", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæй æрыппæрстой Украинæйы уæлдæфон тыхты хæдтæхæг Су-25, 12 æнæпилотон тæхæг аппараты, афтæ ма залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы 11 сармадзаны æмæ америкæйаг ракетæтæ HARM.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 324 хӕдтӕхӕджы, 161 вертолеты, 2278 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 383 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5891 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 873 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3489 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6652 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0