Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

32. МУССÆ ТУРЧЫ

32. МУССÆ ТУРЧЫ
Рафыссын
Баязиды уынджы æстæм хæдзары цардис Бадилаты Иналыхъ. Муссæ кулдуарыл баст бæттæн раивæзта. Фæсдзæуин йæ разы лæууыд æмæ йæм йæ сæгъдзæстытæ ныццавта. Фæсдзæуин мыстулæгау фæкуыси хæдзары. Муссæйы фыд Алхаст æмæ Бадилаты Иналыхъы фыд Куыцыкк æрдхæрдтæ уыдысты. Балцы бирæ хæттыты фæцыдысты иумæ. Сæ фыртты дæр-иу семæ акодтой.
Муссæйы фенд ын тынг æхсызгон уыд. Суанг æмбисæхсæвмæ фæбадтысты уазæг æмæ фысым. Райсом Турчы хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрмæ хъуамæ бацæуон, зæгъгæ, ахицæн кодта Муссæ сæ даргъ ныхас. Иналыхъ нырма фынæй уыд, зноны фæсдзæуины уынæр дæр никуыцæй хъуыст. Муссæ йæ къахфындзтыл кæртмæ рахызт.
Али-Паша йæм хуыцаубоны æцæгдæр зыбыты иунæгæй æнхъæлмæ каст. Муссæ йæм куы бацыд, уæд зæронд секретарæн бафæдзæхста, исчи мæ куы агура, уæд ын зæгъ, мæ хицау ам нæй, зæгъгæ, æмæ дуар мидæгæй сæхгæдта.
Али-Паша хъуыдыты аныгъуылд. Султан Абдул-Азис ын сусæг минæваримæ баныхас кæныны бар радта, фæлæ йын уыцы минæвар йæ разы цæхгæр куы æрæвæра ахæм фарст: райсом иу милуанæй фылдæр мухаджиры Турчы арæнтæм æрбацæудзысты, зæгъгæ, уæд ын цы зæгъа? Уый стыр султан æмæ йæ хицауады хъуыддаг у, æмæ йæ алыг кæнын Али-Пашайы бон нæу. Мухаджирты мæт нæ кодтой Турчы султан æмæ йæ пашатæ.
Рæдау фысым æй, йæ къухыл хæцгæ, дуары онг рахизын кодта. Абон Уæрæсейы нау Одессæмæ кæй цыд, уый æрбалæууыд Муссæйы зæрдыл æмæ Лорис-Меликовмæ фыстæг арвитыны сæраппонд Баязиды уынджы æстæм хæдзармæ атындзыдта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0