Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

33. IX. ЭКМЫРЗÆТЫ ТАЗАЙЫ ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХÆРЗИУÆГ

33. IX. ЭКМЫРЗÆТЫ ТАЗАЙЫ ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХÆРЗИУÆГ
Рафыссын
Харачойы хъæуы ныры бæрц адæм никуы æрæмбырд ис. Молло Кудзуты Бæчийы хæдзары раз уынджы азмæлæн нал уыд. Сыхаг хъæутæй чи ’рцыд, уыдон сæ бæхты каутыл æрбастой æмæ иу ран стыгуыр сты. Хъæлæба басабырмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, моллойæн йæ гыццыл цæстытæ сæ къуырфыты мидæг джынасуйау стъæлфыдысты....
Фæлæуу-ма, фæлæуу! Бæчи рæстмæ нал уыны æви йæ цæстытыл ауад?.. Дæлæ уыцы дыууæ лæппуйы та кæцæй февзæрдысты, Бæчи сæ Ичкерийы зылды куы никуы федта, уæд?.. Сæ иуæн йæ сæр быныл даст у, къуыпрагъ фындзы дыууæ фарс егъау цæстытæ æртытау судзынц. Фæтæн цæсгом, сау боцъотæ æмæ бæзджын рихитæй пехуымпары хуызæн у, фæлæ йын йæ уд нæ уыны Бæчи... Дыккагæн йæ сæр æнæдаст у. Йæ сæры хилтæ йæ фæтæн ныхыл æркалдысты. Пысылмон лæджы æнгас ын нæй. Йæ мыдгъуыз цæстыты коммæгæсы æнкъарæн нæ зыны. Бæчи нæ уарзы уый хуызæн къæйных бакаст... Кæцæй æрбацыдысты? Цæмæн хъуыд Бæчийы сыгъдæг хуымы хæмпæлгæрдæг?
Йæ зылды адæмыл сахуыр ис молло. Чи сæ цæмæй цард æмæ цы хъуыды кодта, уый дæр зыдта. Темырболат æмæ йæ Махмуды фенд фергъуыйау кодта. Цард æмæ Хуыцауæн лæггад кæныны охыл Харачойы дзыллæимæ бирæ хæттыты фæуынаффæтæ кодта Бæчи, фæлæ абон йæ зæрдæйы уыдис æппæты стырдæр хъуыды æмæ кæмæ куыд ныдздзырдтаид, уый йын развæлгъау барст уыд, фæлæ йæм дæлæ уыцы дыууæ лæппуйы фыдæнæн æрбарвыста шайтан?..
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0