Æгъдауы таурæгътæ. Мзораты Мзоры кадæг

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Мзораты чысыл Мзор цардис хохы, Дзамарасы, Сычъиджын зæххыл. Уыди фосы хицау, фыййау лæг. Топпæй хъазынмæ уыди дæсны лæг.
Тутыры фыццаг бон хъазыдысты Мзораты фæсивæд нысанмæ ирон хæтæлтæй. Хæснаг æрæвæрдтой фæйнæ фыры. Фыццаг æхсты бар радтой Мзорæн. Уæд Мзор слæууын кодта нысанмæ лæг æмæ йын йæ сæрыл сæвæрдта айк. Стæй йæ фехста лæугæйæ, æмæ айкæн йæ астæу ахызт нæмыг. Хæснаг рамбылдта Мзораты Мзор.
Фæсивæдмæ уый хардз æркаст, æмæ йын хъуамæ исты хин скодтаиккой. Мзораты фæсивæд загътой: "Махæн нæ топпытæ уыдысты æнæсæрфт, æмæ сæ дыккаг æхст хъуамæ фæкæнæм, æмæ ма нæ кæд гъе уæд амбулай, уæд мах уыдзыстæм æмбылд". Мзоратæ фысы мардыл цухъхъа скодтой, худы хуылфы ныккодтой кас. Уый фæстæ йæ æрæвæрдтой æмæ та йын йæ сæрыл айк сæвæрдтой. Мзор сын раздæр æхсын нал бакуымдта. Уæд фæсивæд раздæр дзæгъæл æхстытæ фæкодтой æмæ ницы фæцæф кодтой. Мзор уæлхæдзары былыл дæлгоммæ æрхуыссыди æмæ та зæрдиагæй æрхъавыди. Уæд фæсивæдæй сæ иу фæстæты æрбахъуызыд æмæ Мзоры уырдыгмæ фесхуыста. Мзор айк фемгъуыдта æмæ сæмбæлди худыл. Афтæмæй кас ныппырх и. Мзораты фæсивæд худ бахастой æмæ Мзормæ лæбурдтой, зæгъгæ, нын нæ лæджы сæры магъз ныппырх кодтай.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0