Ног технологитæ медиа æмæ социалон журналистикæйы: ХИПУ ацыд SputnikPro мастер-класс

© Sputnik / Natalia AiriyanХИПУ ацыд SputnikPro мастер-класс
ХИПУ ацыд SputnikPro мастер-класс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik, Козаты Диана. Куыд хъæуы дзурын ахсджиаг проблемæтыл нырыккон æмæ фидæны форматтæй пайдагæнгæйæ? МИА "Россия Сегодня"-йы сæйраг редакторы хæдивæг Наталья Лосева радзырдта уый тыххæй Цхинвалы мастер-классы рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн.
Лекци, кæцы нывонд уыд ног технологиатæн медиа æмæ социалон журналистикæйы, ацыд проект SputnikPro-йы фæлгæтты.
"Мæ профессийы мæ зæрдæмæ тынг цæуы – анализ кæнын, куыд ивынц аудиторийы домæнтæ, афтæ ма архайын футурологийæ. Уый фæлгæтты мах лабораторийы режимы аразæм хъуыддæгтæ, кæцытæ нырма ничи сарæзта. Эксперименттæ æвæрыс æсæ аразыс фæтктæ", - банысан кодта Лосева.
© Sputnik / Natalia AiriyanХИПУ ацыд SputnikPro мастер-класс
Проект Sputnik PRO в ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2022
ХИПУ ацыд SputnikPro мастер-класс
Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, абоны æмæ смбоны журналисттæ цæрынц æмбæлон рæстæгыл уымæн – ахæм ивындзинæдтæ информацион тыгъдады нырма нæ уыд.
SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.
Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0