Путин бафыста барамынд Ростуризмы функцитæ экономикон райрæзты министрадæн раттыны фæдыл

© Sputnik / Павел Быркин /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд туризмы фæдыл Федералон агентад – Ростуризм аиуварс кæныны фæдыл. Йæ функцитæ йын радтой экономикон райрæзты министрадмæ.
"Хицауады туризмы къабазмæ йæ хъус дардзæн хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко", - дзырдæуы хъусинаджы.
Президенты барамынд йæ тыхы бахызт йæ бафысты бонæй фæстæмæ.
Туризмы фæдыл Федералон агентад куыста 2004 азæй фæстæмæ, 2019 азæй та уагдоны разамонæг уыд Дыгъуызты Зæринæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0