Цхинвалы ныссадздзысты сумахы талатӕ

© SputnikЦхинвалы ныссадздзысты сумахы талатӕ
Цхинвалы ныссадздзысты сумахы талатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы зӕлдфӕлындӕн комбинат ныссадздзӕн Цхинвалы улӕфӕн зонӕты сумахы талатӕ, фехъусын кодта горӕты ландшафтон дизайнер Пӕррӕстаты Ирина.
Цхинвалы нырмӕ сумах рӕзт Харебаты Исахъы ӕмӕ Сталины алвӕндаджы скверы.
"Сумахы талатӕ фӕззыгон нывӕзты фӕлгӕтты ныссадздзыстӕм горӕты цады цур, Ногдзауты ӕмӕ Стыр парчы", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕласы талатӕ схъомыл кодтой сӕхӕдӕг.
"Нӕ финансон авналӕнтӕ сты къуындӕг, уымӕ гӕсгӕ нӕ уагдоны кӕрты схъомыл кодтам ацы талатӕ ӕмӕ сӕ ныр рахӕсдзыстӕм горӕтмӕ", - бафтыдта уый.
Сумахы тыллӕгӕй пайда кӕнынц скӕсӕйнаг къӕбицы, куыд хъацӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0