Уæрæсейаг æфсæдтæ æрыппæрстой украинæйаг вертолет Ми-8 æмæ 18 æнæпилотон тæхæг аппараты

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ ивгъуыд суткæйы дæргъы æрыппæрстой Украинæйы вертолет Ми-8 æмæ 18 æнæпилотон тæхæг аппараты. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой Донецкы адæмон республикæйы цæрæн пункт Терныйы украинæйаг вертолет Ми-8, афтæ ма 18 æнæпилотон тæхæг аппараты", - банысан кодтой Хъахъхъæнынады министрады.
Донецкы адæмон республикæйы цæрæн пункт Новомихайловкайы районы æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæ "Ольха"-йы æртæ сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 324 хӕдтӕхӕджы, 162 вертолеты, 2296 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 383 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5926 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 874 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3511 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6665 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0