Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

34. X. МУССÆ

34. X. МУССÆ
Рафыссын
Фæстæмæ дæр сусæгæй æрбаздæхт Муссæ. Облæсты хицауы кабинетмæ бацæугæ йæ ничи федта æппындæр. Хил рауагъта. Йæ цæсгомы цъар мыдадзгъуыз ссис. Цæстытæ сæ къуырфыты арф бахаудтой, цыма йæ æцæгдæр ахæстоны фæдардæуыд, уыйау.
Лорис-Меликов сусæг минæвары æнæнхъæлæджы фæзындмæ фæджихау. Куы йæ ауыдта, уæд, йæ къухтæ кæрæдзийыл цæгъдгæ, йæ размæ рауад.
— Муссæ Алхазович, алы хатт дæр æгас цу! Цæмæн байрæджы кодтай?
— Дунескæнæг Хуыцау дæ æгас уадзæд, Михаил Тариелович! Тынг тындзыдтон, фæлæ мын уымæй тагъддæр æрбаздæхын нæ бантыст.
Муссæ Стамбулы куы уыд, уæд Лорис-Меликовмæ бирæ хæттыты æрцыд ахæм хъуыды: алы хъуыддагæн дæр бæндæнау дыууæ кæроны ис, кæнæ та æнæбын голлагау дыууæ дзыхы. Уыцы æнæбын голладжы дыууæ дзыхы хъуамæ уой иу лæджы къухы æмæ дзы цаутæ æвгæна, йæхи куыд фæнды, афтæ. Æгæр куы байдзаг уа, æмæ йын атонынæй куы фæтæрса, уæд ын йæ иу дзых феуæгъд кæнæд æмæ цас афæраза, уыйас дзы ныууадзæд. Афтæ йæм каст, цыма голлагæн йæ иу дзых кæйдæр къухы бафтыд æмæ дзы иуырдыгæй уаргъ куы банæмынц, уæд та дзы иннæрдыгæй дæр фыдæнæн æрбавгæнынц...
Æмæ уыцы фыдæнæн мийæн йæ къæдзил не скъуыд ныр кæдæй нырмæ. Голладжы дыккаг дзых Муссæйы къухы кæй уыд, уый дæр æнкъардта, æртæ ахсты æнæ уæвгæйæ дзы стыр лыгъд кæй нæ рауадаид, уый дæр ын нæ уыд гуырысхойаг, фæлæ куыд ауадза сегасы æмæ сæ куыд сиу кæна сæ адæмтимæ? Муссæйы семæ кæронмæ "хицонæй" баззайын кæй фæнды, уымæй дæр хæраймаг нæу, уымæн æмæ йæ уым дæр се ’хсæн цæрын хъæуы, фæлæ йын Турчы фенд нæ асаста йæ тырнындзинад?
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".
Ног хабӕртты лентӕ
0