Æгъдауы таурæгътæ. Хъессаты Еба

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Хъессаты Еба уыдис æхсæз æфсымæрæн сæ хистæр. Тынг хъæздыг лæг уыдис, уазæг дæр æм бирæ цыдис, æхсæв нæ фæцух уыдаид, дыууадæс лæджы йæм куынæ уыдаид. Кæсæгæй йæм цыдысты, Дыгурæй йæм цыдысты уæздан адæм. Æхсæвæй-бонæй Еба уазджытимæ бадтис æмæ минас кодта семæ.
Уæд иу хатт иннæ æфсымæрты устытæ загътой сæ лæгтæн: — Иу лæг æмæ йæ уазджытæн куы кусæм, æндæр махæн хæдзарæй куы ницыуал ис.
Афтæмæй уарыны фæнд скодтой. Еба загъта: "Абон майрæмбон, иннæ мæйрæмбоны байуардзыстæм".
Еба йæ бæх аифтыгъта, йæ топп йе ’фцæджы афтыдта æмæ Дыгурмæ афардæг. Дыгуры йын молло æфсымæргонд уыд, æмæ уымæ бацыд. Молло йæ фæрсы: — Цы кæныс, Еба, цæмæ æрцыдтæ?
Еба загъта: — Ме ’фсымæртæ уарынц, æмæ сæфын, фæлæ мын исты хос скæн. Уазæг мæм кæй цæуы арæх, уый тыххæй уарынц, æмæ мæм уазæг цæмæй нал цæуа, уый хос мын скæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0