Æгъдауы таурæгътæ. Æртæ ’фсымæры куыд ссардтой сæ давд бæхтæ. Хъуыдæберд Æдæсы фырт

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Æртæ ’фсымæры уыди. Уыдысты сæхи уды фæллойæ цæрæг, искæй хæрамы нæ цыдысты. Уалдзæджы куыстытæ уыдысты сæ тæккæ тынгыл, афтæ сын се ’ртæ бæхы иу æхсæв адавдæуыд.
Æфсымæртæ сагъæсыл систы: цы бакæной, куыд бакæной?! Сæ иу загъта: — Бацагурын хъæуы бæхтæ. Иннæ загъта: — Бацарæфтыд уыдзыстæм, — уалдзæджы куыстытæ афойнадыл куынæ бакæнæм, бæхты фæдыл куы ацæуæм, куы бафæстиат уæм уыдон агургæйæ. Æртыккаг загъта: — Уæдæ æххæст куыстытæ куы фæуой, уæд абалц кæндзыстæм нæ бæхты фæдыл.
Куыстытæ уалдзæгæй фæззæгмæ нал ихсыдысты: иу куыст-иу фæци, афтæ та-иу æй иннæ куыст æрбаййæфта. Æрæгвæззæгмæ ахызт афтæмæй сæ хъуыддаг. Райсомæй халас æвæрын байдыдта.
Æртæ ’фсымæры сæ бæхтыл сæргътæ сæвæрдтой, æрцагуырдтой, рагуалдзæджы ’ртæхыл цы бæхтæ адавди, уыдонæн ныр æрæгвæззæджы халасыл сæ фæд. Фæд хæссынц, афтæмæй иу æлдары хъæумæ бафтыдысты. Æртæ ’фсымæры куыд раиртæстой, афтæмæй бæхты фæд æлдары галуантæм бацыд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0