Херсоны доныл ахизæн фехсыны фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæХерсоны доныл ахизæн
Херсоны доныл ахизæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Херсоны областы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Кирилл Стремоусов фехъусын кодта, Херсоны доныл ахизæны ракетон æхсты фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы.
Цыппæрæмы изæры украинæйаг æфсæдтæ фехстой HIMARS-ы 12 сармадзæнæй Херсоны Антоновы хиды цур доныл ахизæн. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой 11 сармадзаны, иу та æрхаудта хиды районы.
"Цауы фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы", - загъта Стремоусов программæ "Соловьев Live"-ы эфиры.
Нысангонд æрцыд, Украинæйы Гарзджын тыхты фехсты фæстиуæгæн ма кæй фæмард сты Херсоны областы телерадиокомпани "Таврия"-йы дыууæ кусæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0