Хуссар Иры Генпрокуратурæ сбæрæг кодта "Дорэкспострой"-ы æнæбындурон хæрдзтæ

© Sputnik / Alexey Kudenko /  Ахизын медиабанкмæÆхцатæ
Æхцатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ уадзы басгæрст фехæлдтæн, кæцытæ сбæрæг кодтой паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы архайды.
Уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 2018 азæй фæстæмæ "Дорэкспострой"-ы гендиректор бафыста бадзырдтæ фирмæ "Казо"-имæ битумы æрласты фæдыл, цæмæй дзы пайда кæной Инвестпрограммæйы объектты арæзтад æмæ цалцæджы.
Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, "Казо" 2018-йæ 2022-æм азмæ æрласта республикæйы территоримæ битумы 7,8 милуан килограммы, кæцыты иумæйаг суммæ у 180,9 милуан сомы.
"Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы финансон-хæдзарадон архайды ревизийы рæстæджы сарæзтæуыд æлхæныны æргъты анализ, кæцытæ фыст уыдысты "Казо"-йы хыгъдты æмæ Таможнæйон декларациты. Уый фæдыл бæрæг æрцыд, бухгалтерон бæрæггæнæнтæ æмæ басгæрсты рæстæджы сбæлвырдгонд æргъты хсæн хицæндзинады суммæ у 56 170 055 сомы", - дзырдæуы прокуратурæйы хъусинаджы.
Республикæйы арæзтады министрадмæ дæр арвыстой куырдиат, цæмæй сын радтой информаци битумы аргъы фæдыл. Рабæрæг ис, битумы аргъ 2018 азы кæй уыд 12-13 сомы иу килограммæн, 2019 азы – 12-14, 2020 азы – 13-14, 2021 азы та – 13-15 сомы. Уыимæ иумæ "Дорэкспострой" æлхæгдта битум "Квази"-йæ 28 сомæй иу килограммæн.
Афтæмæ, "Казо" фирмæйы уылты битумы æлхæд фæфылдæр кодта хæрдзтæ 56 милуан сомы бæрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0