Хуссар Иры РБМЦ сабийы амæлæты фæстиуæгæн ауадздзысты службæйон басгæрст

© SputnikСывæллæтты рынчындон
Сывæллæтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сабийы амæлæты фæдыл ауадздзысты службæйон басгæрст.
Трагикон цау æрцыд цыппæрæмы – бронхообструктивон синдромы симптомтимæ æрбакодтой РБМЦ исæн хайадмæ, цы ран уый фæсæтæдæр амард.
Хицауады рабадтыл майрæмбоны республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Алла фехъусын кодта, исæн хайады сывæллонæн квалификацион фыццаджы медицинон æххуыс кæй бакодтой.

"Сабийы бронхообструктивон синдромы симптомтимæ æрбакодтой сывæллæтты рынчындоны исæн хайадмæ райсом 5.20 сахатыл, цы ран, медицинон персоналы ныхæстæм гæсгæ, уымæн бакодтой æнæмæнгхъæугæ æххуыс. Саби æрдæг сахат фæцис исæн хайады, уый фæстæ йæ хъуамæ ракодтаиккой соматикон хайадмæ, фæлæ фæндагыл йæ уавæр февзæрдæр æмæ йæ зæрдæ æрлæууыд", - загъта уый.

Цоциты Алла бафтыдта, зæгъгæ, 20 октябры сабийы мæрдон буар аластой Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй йын саразой медицинон экспертизæ. Уый ма бахахх кодта, хуссарирыстойнаг специалист кæй не сразы саразын ацы экспертизæ ахæм фæлтæрддзинад йын кæй нæй, уый тыххæй.
Цоциты Алла ма радзырдта, министрад барадхъахъхъæнджытæй сабийы низы истори куы райса, уæд ацы трагикон цауы фæдыл райдайдзысты службæйон багæрст.
Ног хабӕртты лентӕ
0