Цхинвалы æрурæдтой пенсиисæгæй æхцатæ адавыны зæрдæхсайгæйы

© Sputnik / Наталья АйриянМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрурæдтой пенсиисæг сылгоймагæй æхцатæ адавыны зæрдæхсайгæйы, хъусын кæны майрæмбоны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, милицимæ кæй бадзырдта столицæйы 76-аздзыд цæрæг сылгоймаг, кæцы фехъусын кодта, йæ хæдзарæй кæй фесæфтысты 80 мин сомы æмæ мобилон телефон. МХМ фæдагуырды-оперативон къорд, кæцы æрбацыд цауы бынатмæ, сбæрæг кодта, фыдгæнæг кæй бахызт хæдзармæ дуар тыхсаст бакæнгæйæ.
"Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады уголовон фæдагуырды æмæ МХМ криминалон милицийы кусджытæ оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы æрурæдтой зæрдæхсайгæ гоймаджы. Уый разынд Цхинвалы 50-аздзыд цæрæг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, нæлгоймаг басаст йæ фыдракæндыл, уый бакодтой МХМ рæстæгмæдарæн изолятормæ. Фыдгæнæджы ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0